Бахъахъхъæнæм ирон бæгæныйы кад#Ӕхсӕнад
«Бæгæны фыцыны хъуыддаг ирæтты культурæйы ахсы ахсджиагдæр бынæттæй иу, афтæмæй ссис адæмы кулинарон аивады хай», – ахæм хатдзæгмæ æрцыд Цæгат Ирыстоны зындгонд технолог бæгæныфыцæг Хайты Олег.
Йæхицæн бæгæны фыцыны хъуыддаг æрмæст амалхъомадон архайд нæу, фæлæ ма йæм зонадон æмæ дæсныйадон цæстæнгасæй дæр акаст. Хайы фыртмæ ис хи рецептурæ, фæлæ бæгæны фыцыны хъуыддаджы æппæт лыстæг фæзилæнтæ дæр раиртæста. Æрцыд ахæм хатдзæгмæ, æмæ нæ нанатæ бæгæны фыхтой, технологон æппæт уагæвæрдтæ хынцгæйæ, уыимæ сæм æрцыдысты фæлварæнтæ дæттæгау.
Хайты Олег куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй æрзылд рагон хæххон хъæутыл, фæфыста æппæт рецепттæ дæр. «Нæ сылгоймæгтæ бæгæны фыхтой технологон æппæт домæнтæм гæсгæ, зыдтой, кæд хъæуы æрлæууын, кæд хъæуы бавналын. Фæлæ ма дзы ис бирæ алыхуызон хицæндзинæдтæ дæр, бæгæны дæр алыхуызон рауайы. Сæ фылдæр пайда кодтой хъæбæрхорæй, кодтой дзы зад.
Дарддæр кӕсын...@XurZaerin